Ноджы ӕртӕ: Цхинвалы бакодтой ног мобилон кофейнятӕ

Ныр цалдӕр азы дӕргъы Цхинвалы уыд ӕрмӕст иу кофейня хӕдтулгӕйыл Ногдзауты парчы цур, конкуренттӕ йын уыдысты ӕрмӕст кафетӕ, кӕцытӕ сӕ нозт ӕнхъардтой гӕххӕттӕй агуывзӕты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Фӕстаг къуыри Хуссар Ирыстоны столицӕйы бакодтой ноджы ӕртӕ ног мобилон кофейняйы хӕдтулгӕтыл.

Цхинвалы центры фӕзындзӕн ног арт-объект

Ныр цалдӕр азы дӕргъы Цхинвалы уыд ӕрмӕст иу кофейня хӕдтулгӕйыл Ногдзауты парчы цур, конкуренттӕ йын уыдысты ӕрмӕст кафетӕ, кӕцытӕ сӕ нозт ӕнхъардтой гӕххӕттӕй агуывзӕты "на вынос".

Иу уысммӕ дын кофе ацӕттӕ кӕндзысты ныр канд Ногдзауты парчы цур нӕ, фӕлӕ ма дзулфыцӕн комбинаты цур ӕмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры фарсмӕ.

"Нырма кусӕм цалдӕр боны, баурӕдтам театры фарсмӕ. Нӕ аннӕ кофехӕдтулгӕ та ис дзулфыцӕн комбинаты цур. Кӕд хъуыддаг хорз ацӕуа, уӕд бардарӕг фӕнд кӕны ноджы иу мобилон кофейня бакӕнын Цхинвалы",- загъта Sputnik бариста Виктория.

Цыппӕрӕм мобилон кофейня ӕрурӕдта Цхинвалы центры чырыстон аргъуаны раз, фӕлӕ нырма йӕ дуӕрттӕ дары ӕхгӕдӕй.