Цхинвайлаг скъоладзау рамбылдта ӕппӕтреспубликон турнир шахматтӕй

Хуссар Ирыстоны тыхджынӕр хъазджыты турниры уӕлахиздзау ссис гимнази "Альбион"-ы 11-ӕм къасы ахуырдзау Кокойты Мария
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фӕбӕрӕг сты республикӕйы тыхджындӕр шахматистты онлайн-турниры уӕлахиздзау ӕмӕ призертӕ. Турнир рамбылдта Кокойты Мария, фехъусын кодта Sputnik Федерацийы хистӕр Саулохты Георгий.

Дыккаг бынатыл ацыд Гӕбӕраты Ацӕмӕз, ӕртыккаг бынат та бацахста Саулохты Георгий.

"Хъазыдысты 12-ӕй, сӕ нымӕцы нӕ дыууӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ ныридӕгӕн цӕрынц Цӕгат Ирыстоны. Турнир цыд тагъд шахматтӕй, цы ран иу хъазты рӕстӕг уыд ӕрмӕст ӕртӕ минуты", - загъта Саулохты Георгий.

Ерыстӕ цыдысты дистанцион форматы. Турнирмӕ ӕрхуыдтой спортсменты, кӕцытӕ 2020 азы дӕргъы ерысты ӕвдыстой хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Турнир арӕзт ӕрцыд шахматты федерацийы тыхтӕй спорт ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕйы комитетимӕ иумӕ.