Фӕткхалджыты бафхӕрдзысты: Хуссар Иры нӕ уаддзысты ӕхсын ногазон ӕхсӕв

Республикӕйы милицийы кусджытӕ райдадзысты уадзын басгӕрст, цӕмӕй ма руадзой ӕхсытӕ ӕмӕ сӕххӕст кӕной ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ногазон бӕрӕгбонты рӕстӕджы уагъд цӕудзысты автотранспорты басгӕрстытӕ, цӕмӕй ссарой хӕцӕнгарз, афтӕ ма бӕрӕг кӕндзысты нозтджын шофырты, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры милици фӕдзӕхсы пиротехникӕ уӕйгӕнджыты бӕрндзинады тыххӕй

"Сӕйраг тыхтӕ ратдзыстӕм ногазон ӕхсӕв хӕцӕнгарзӕй ӕхсын ма руадзынмӕ. Фӕткхалджыты карзӕй бафхӕрдзысты. Фӕстаг ӕзты тыхон структурӕты архӕйдтыты руаджы фӕкъаддӕр сты хӕцӕнгарзӕй ӕхсыны цаутӕ алыгъуызон мадзӕлтты", - банысан кодтой уагдоны.

Барадхъахъхъӕнджытӕ ногӕй ӕрсидтысты республикӕйы цӕрджытӕм ӕмӕ сын бамбарын кодтой, хӕцӕнгарзӕй цы ӕмбӕстӕгтӕ ӕхсой, уыдонмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы уголовон бӕрндзинад.