ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны закондӕттӕг органы сесси дыццӕджы ӕртыккаг хатт нӕ ауагътой кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй.
"Мӕн фӕндыдаит фехъусын кӕнын сессийы куысты райдайӕны тыххӕй. Фӕлӕ, уӕхӕдӕг куыд уынут, мах ногӕй нӕ ӕрӕмбырд кодтам кворум, ӕмӕ ма нын цъус рӕстӕг баззад, цӕмӕй райсӕм бюджет", - загъта фыццаг вице-спикер Гасситы Петр.
Афтӕ ма уый банысан кодта, парламент ацы аз нырма дыууӕ-ӕртӕ хатт кӕй бафӕлвардзӕн ӕрӕмбырд кӕнын.
Амӕйразмӕ парламент дыууӕ хатт фӕнд кодта райсын сӕйраг финансон документ, фӕлӕ дыууӕ хатт дӕр сессимӕ ӕрбацыд 23 депутатӕй цъусдӕр. Закондӕттӕг органы куыст бойкот кӕны депутатты къорд, кӕцытӕ сентябры фехъусын кодтой, сӕ куыстмӕ кӕй нӕ рахиздзысты цалынмӕ генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕной, уӕдмӕ.