Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй Хуссар Иры хицауады аппараты разамонӕджы

Хуссар Ирыстоны президент бафыста барамынд Гаглойты Олегы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл ӕртыццӕджы. Гаглойты Олег ацы бынаты куыста 2012 азӕй фӕстӕмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй Хуссар Ирыстоны хицауады аппараты разамонӕг Гаглойты Олегы.

Хуссар Иры президент ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Джусойты Сосланы

Ӕмбӕлон барамынд мыхуыргонд ӕрцыд паддзахады сӕргълӕууӕджы сайтыл ӕртыццӕджы.

Нысангонд ӕрцыд, документ йӕ тыхы кӕй бахызт 30 декабры.

Гаглойты Олег уыд республикӕйы хицауады аппараты разамонӕг аст азы дӕргъы, 2012 азӕй фӕстӕмӕ.

Амӕйразмӕ республикӕйы сӕргълӕууӕг ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Джусойты Сосланы.