Хъазгӕйӕ кусын: куыд цайдагъ кӕнынц сабидон "Фӕрдыгы" сывӕллӕтты куыстыл

Объект арæзт æрцыд цыбыр æмгъуыдмæ Инвестицион программæйы фæлгæтты. Йæ фæзуат у 2 300 квадратон метры бæрц. Аразгæ та йæ скодта арæзтадон организаци "Бадо"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 дек – Sputnik, Дриаты Лейла. Фӕстаг ӕзты Хуссар Ирыстоны цы ног сабидӕттӕ ӕрцыд арӕзт, уыдонӕй иу у "Фæрдыг" - афтæ хуыйны №17-æм сабиты рæвдауæндон Цхинвалы Вокзалгӕрон уынгыл.

Йæ директор Зангаладзе Тамара ныл фембæлд райзæрдæйæ. Сабидоны хатæнты азилыны фæстæ Тамарæ лæмбынæг радзырдта сæ куысты тыххæй.

"Ныртæккæ махмæ ис 100 сабийы. Дих сты 5 къордыл: 2 кæстæр кары къорд, астæуккаг æмæ хистæр кары сывæллæттæ. Ис нæм музыкалон æмæ спортивон зал, компьтерон кълæстæ дæр. Сабиты уым цайдагъ кæнынц сæ кармæ гæсгæ хъæзтыты методикæйыл. Раздæр сабиты рæвдауæндæтты нæ уыд психолог æмæ логопеды штаттæ. Фæлæ фæстаг азты ахæм лæггæдтæ бирæ сабиты кæй фæхъæуы у, уый нысанæн ныр сабидæтты ис ахæм ахуыргæнджытæ дæр", - зæгъы директор.

Сабитæ кæм хъазынц æмæ фынæй кæнынц, уыцы хатæнты та лæууы уæлдæф умæлгæнæнтæ. Уый баиу кæнынц сæрды æнтæф бонтæ æмæ зымæджы хъæрмады системæ æгæр куы фендавы, уæд.

Хъазгӕйӕ кусын: куыд цайдагъ кӕнынц сабидон "Фӕрдыгы" сывӕллӕтты куыстыл

Æвæрд дзы æрцыд генератор дæр, цæмæй рухс куы ахуысса, уæд дæр рæвдауæндон ифтонг уа электроэнергийæ. Ам цы фондз къорд ис, уыдонæй алкæй мидæг дæр ис телевизортæ æмæ аудио системæ. Алы къорды дæр сывæллæттæн ис бирæ хъазæнтæ, велотренажертæ, дидактикон æмæ цæстуынгæ æрмæджытæ.

Кæрт дæр у хæрзарæзт. Алы къордæн дæр - йæхи беседкæ. Иудзырдæй, ам сабитæ æнкъард нæ кæнынц, арæзт сын æрцыд комфортон уавæртæ. Банысан хъæуы уый æмæ зынгсирвæзты системæ дæр арæзт кæй æрцыд æмбæлонæй. Зынгсивæрзты рæстæджы скусдзæн сæрмагонд системæ æмæ фыдбылыз не ‘рцæудзæн. Уый нысанæн кæрты арæзт æрцыд гидракт æмæ зынгхуысджытæ куы æрбацæуой, уæд сæ бон уыдзæн дон сисын уырдыгæй.

Ахуыр-хъомыладон куыст

Рæвдауæндон директор куыд зæгъы, афтæмæй дзы хъомыладон куыст цæуы иумæйагахуырадон планмæ гæсгæ.

"Уарзт нæм бирæ ис": куыд бакодтой Цхинвалы "фыццаг" сабидон

"Фылдæр тырнæм, цæмæй сабиты фæцайдагъ кæнæм куыстыл. Цæстуынгæ æрмæджытæ сабитæ саразынц сæхи къухтæй, уый фæстæ сæ ахуыргæнæгимæ иумæ бафснайынц, ныккæнды нæм сæрмагондæй уыдон æрывæрынæн цы стъолтæ ис, уыдоныл. Кæрты алы къордæн дæр ис йæхи зæххы гæппæл. Ам сывæллæтты цайдагъ кæнынц физикон куыстыл", - радзырдта Зангаладзе Тамара.

Рæвдауæндоны холлы ис тути. Сабитæ йæ схуыдтой Фæрдыг, сæ рæвдауæндон куыд хуыйны, афтæ. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, уый ардæм æрбатахт йæхæдæг. Сабитыл сахуыр, бацин сыл кæны æмæ та уый фæстæ йæ бынаты сбады.

Сабиты рæвдауæндондонæй здæхтыстæм æхцондзинады æнкъарæнтимæ. Ног бæстыхай канд йæ арæзтадæй нæ рухс кодта, зæрдæ, фæлæ ма дзы мидæгæй цы ахаст ис кӕрӕдзимӕ, уымæй дæр.