Хуссар Иры Дзауы районы бакодтой сӕйраг наз бӕлас

Районы разамонӕг Джиоты Андрей бузныджы ныхӕстӕ загъта пандемийы рӕстӕджы районӕн чи баххуыс кодта, уыцы адӕмӕн.
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Дзауы центры ацыд сӕйраг наз бӕласы баконд. Фӕсивӕды хайад бацӕттӕ кодта сабитӕн бӕрӕгбонон нывӕзт, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службӕйы кусӕг Тедеты Лиана.

"Хӕлдзӕг хъӕзтытӕ, зарджытӕ Митын Дада ӕмӕ Митын чызгимӕ нӕ фесты изӕры онг. Сывӕллӕтӕ кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ, архайдтой хъӕзтыты. Уазалмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ сабиты хӕдзӕрттӕм сӕ къах нӕ хаста",- загъта Тедеты Лиана.

Мадзалы рӕстӕджы ма, районы разамонӕг Джиоты Андрей бузныджы ныхӕстӕ загъта пандемийы рӕстӕджы районӕн чи баххуыс кодта, уыцы адӕмӕн.

"Джыгкайты Вячеслав ӕмӕ Уанеты Ӕхсар уӕззау рӕстӕджы баххуыс кодтой  маскатӕ, атисептиктӕ ӕмӕ тӕвд барӕнтӕй", - бафтыдта уый.