Хуссар Иры президент ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй сывӕллӕтты омбудсмены

Козаты Гульнара – РХИ президенты ӕххӕстбарджын минӕвар сывӕллӕтты барты фӕдыл, уый куыста ацы бынаты 2016 азы апрелӕй фӕстӕмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй паддзахады сӕргълӕууӕджы ӕххӕстбарджын минӕвар сывӕллӕтты барты фӕдыл Козаты Гульнарайы. Барамынд бафыстой ӕртыццӕджы, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Козаты Гульнара куыста сывӕллӕтты омбудсменӕй 2016 азӕй фӕстӕмӕ, уӕд снысан кодтой ацы бынат.

Амӕйразмӕ республикӕйы сӕргълӕууӕг ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Джусойты Сосланы ӕмӕ хицауады аппараты разамонӕг Гаглойты Олегы.