Парламенты сесси нӕ ацыд цыппӕрӕм хатт

Амӕйразмӕ парламент ӕртæ хатт фӕнд кодта райсын сӕйраг финансон документ, сессимӕ рбацыд 23 депутатӕй цъусдӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны парламент не 'рымбырд сессимӕ ӕртыццӕджы. Ӕмбырд ауадзынӕн нӕ фаг кодта 10 депутаты, фехъусын кодтой Sputnik закъондӕттӕг органы пресс-службӕйы

Парламенты сесси ныр ауадзын нӕ бантыст цыппӕрӕм хатт.

"Ӕртыццӕджы сессимӕ ӕрбацыд ноджы къаддӕр депутаттӕ знонӕй. Залы уыд ӕрмӕст 14 депутаты 34-ӕй",- загътой пресс-службӕйы.

Амӕйразмӕ парламент ӕртæ хатт фӕнд кодта райсын сӕйраг финансон документ, сессимӕ рбацыд 23 депутатӕй цъусдӕр. Закондӕттӕг органы куыст бойкот кӕны депутатты къорд, кӕцытӕ сентябры фехъусын кодтой, сӕ куыстмӕ кӕй нӕ рахиздзысты цалынмӕ генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕной, уӕдмӕ.