Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры ӕрыздӕхтысты базӕмӕ быдырон ахуыртӕй

Полигон "Дзарцъем"-ы ахуырты хайад райстой 1,5 мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр, пехотӕйы 70 хӕстон хӕдтулгӕйы ӕмӕ танктӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы мотоӕхсӕн дӕлхайӕдтӕ фесты быдырон ахуыртӕ ӕмӕ ӕрыздӕхтысты сӕ дислокацийы пунктмӕ, хъусын кӕны ӕртыццӕджы Уӕрӕсейы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой "ныхмӕлӕууӕджы"

Ахуырты хайад райстой 1,5 минмӕ ӕввахс ӕфсӕддоны, архайдтой дзы 70 хӕстон хӕдтулгӕйы, танктӕ ӕмӕ артиллери, банысан кодтой Хуссар ӕфсӕддон зылды.

Полигон "Дзарцъем"-ы цӕттӕкӕнынад уагъд цыд модулон системӕмӕ гӕсгӕ куыд бонӕй, афтӕ ӕхсӕв дӕр. Алкӕцы ӕфсӕддонмӕ дӕр уыд сӕрмагонд хъусдард.

Хуссар ӕфсӕддон зылды минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, 2021 азы райдайӕны тактикон къордты ӕфсӕддонты цӕттӕкӕнынады сӕйраг фӕлварӕн уыдзысты дыууӕварсон тактикон ахуырты ӕхсынимӕ.