Хуссар Иры парламенты ногӕй нӕ ацыд сесси, кӕцыйыл хъуамӕ ӕркастаиккой бюджетмӕ

Рабадт нӕ ауагътой фӕндзӕм хатт, парламентмӕ ӕрбацыдысты ӕрмӕстдӕр 14 депутаты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны парламенты радон сесси, кӕцыйыл нывӕндысты сфидар кӕнын 2021 азы бюджеты проект, нӕ ацыд кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй. Рабадтмӕ ӕрбацыдысты ӕрмӕстдӕр 14 депутаты, фехъусын кодтой Sputnik закондӕттӕг органы пресс-службӕйы.

Парламенты сесси нӕ ацыд цыппӕрӕм хатт

Парламенты сесси нӕ ацыд фӕндзӕм хатт. Хуссар Ирыстоны парламенты депутатты хай сентябры фехъусын кодта закондӕттӕг органы куыст ӕруромыны тыххӕй, цалынмӕ генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы отсавкӕйы арвитой, уӕдмӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ депутаттӕ сессимӕ ӕрӕмбырд сты ӕрмӕстдӕр иу хатт, цӕмӕй сфидар кӕной ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл.

Августы кӕрон криминалон милицийы бафарстыты фӕстӕ амард Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Инал. Уӕд столицӕйы ацыд митингтӕ, цы ран адӕм домдтой бафхӕрын азымджынты. Кризисы аххосӕй отставкӕйы ацыд хицауад, депутаты иу хай сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны куыст ӕрурӕдтой, цалынмӕ генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕной, уӕдмӕ. Лӕппуйы мӕлӕты рӕстаг сгӕрсты домӕнтӕм ӕнӕкӕрон акци уадзынц лӕппуйы ныййарӕг ӕмӕ йе 'мкъай, уыдон фарсмӕ цы адӕм балӕууыдысты, уыдон ӕппынӕдзух сты театралон фӕзуаты.