Цхинвалы бакодтой президентон наз бӕлас

Сывӕллӕтты ирхӕфсынмӕ сценӕмӕ рахызтысты фӕсарӕйнаг мультфильмты ӕмӕ нарты кадджыты хъайтартӕ - Батрадз, Шрек, Малефисента, Джафар ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хъайтарты хсӕн бацайдагъ ис тох цыкурайы фӕдыгыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны Цхинвалы ацыд президентон наз бӕласы равдыст. Мадзалы уазджытӕ систы райдайӕн скъолайы ахуырдзаутӕ, кӕцытӕ райстой хъуыды гӕххӕтытӕ мадзалмӕ.

Цхинвалы бакодтой президентон наз бӕлас

Уагдон ногазон мадзалмӕ рӕсугъд сфӕлыстой зал. Сывӕллӕтты ирхӕфсынмӕ сценӕмӕ рахызтысты фӕсарӕйнаг мультфильмты ӕмӕ нарты кадджыты хъайтартӕ - Батрадз, Шрек, Малефисента, Джафар ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хъайтарты хсӕн бацайдагъ ис тох цыкурайы фӕдыгыл. Фӕстагмӕ йӕ йӕхи бакодта Нарты Батрадз.

Рбалӕугӕ азы фыццаг бӕрӕгбонмӕ ӕрбацыд паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий, уый раарфӕ кодта сабитӕн Ног азы фӕдыл.

"Сӕйраг у, цӕмӕй та ацы аз дӕр хъусат уӕ ныййарджытӕм, хъомылгӕнджытӕм, хистӕртӕм ӕмӕ хорз ахуыр кӕнат. Сабырдзинад ӕмӕ уын хорздзинад мӕ зӕрдӕ зӕгъы. Арӕхдӕр худут ӕмӕ уӕ Митын Дада уӕ бӕллицтӕ ӕххӕст кӕнӕт",- загъта президент.

Коронавирусы апарахаты тобӕтӕ сӕ фӕд ныууагътой Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны нывӕзтыл. Уагдон дӕтты ӕрмӕст дыууӕ равдысты.

" Сывзӕргӕ уавӕры тыххӕй аскъуыддзаг кодтам ауадзын ӕрмӕст дыууӕ равдысты хуыцаубоны. Бацархайдтам цӕмӕй дзы Хуссар Ирыстоны алы къуымтӕй дӕр уа сабитӕ",- загътой Sputnik ССГ-ы кусӕг.