Цхинвалы центры Дзабиты Иналы хиуӕтты протесты акци уагъд цӕуы мӕйӕ фылдӕр

Бинонтӕ ӕмӕ сӕ фарсмӕ чи балӕууыд, уыдон домынц, цӕмӕй лӕппуйы мӕлӕт раст сгӕрст ӕрцӕуа ӕмӕ азымджынтӕ ӕфхӕрд ӕрцӕуой
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы фӕзуатыл Дзабиты Иналы хиуӕтты протесты акци уагъд цӕуы мӕйӕ фылдӕр. Акцийы хайадисджытӕ фехъусын кодтой, кӕй лӕудзысты цалынмӕ сын сӕ домӕнтӕ сӕххӕст кӕной, уӕдмӕ.

Фарон 4 декабрӕй Цхинвалы центры цӕуы Дзабиты Иналы бинонты ныхмӕлӕуды акци. Уыдон ӕвдисынц се нӕразыдзинад лӕппуйы мӕлӕты сгарӕн куысты фӕдыл ӕмӕ домынц, цӕмӕй йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕной генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы ӕмӕ бӕрндзинад хӕсса МХМ раздӕры министр Наниты Игорь.

"Мах дарддӕр лӕууӕм. Ацы уголовон хъуыддаджы фӕдыл махӕн ногӕй ницы загътой", - загъта Sputnik Дзабиты Иналы идӕдз Соттиты Оксана.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бинонтӕ ӕмӕ сӕ фарсмӕ чи балӕууыд, уыдон нӕ нывӕндынц ӕруромын протесты акци.

Дзабиты Иналы ӕфсымӕрыл уголовон хъуыддаг сӕхгӕдтой - адвокат

"Не ‘нӕниздзинадимӕ, Хуыцауы фӕрцы, алцыдӕр хорз у", - банысан кодта уый.

Оксана радзырдта, къуырисӕры райсом сӕм ногӕй кӕй ӕрбацыдысты барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ ӕмӕ ракуырдтой сисын тент, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн ис приказ. Акцийы хайадисджытӕ сӕм байхъуыстой, фӕлӕ тынг къӕвда куы райдыдта, уӕд ӕй ногӕй бакодтой.

"Махӕн бар радтой ӕвӕрын тент къӕвдайы рӕстӕджы. Иннӕ рӕстӕг ӕй сисӕм", - загъта уый.

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы загътой, горӕты уавӕр кӕй у сабыр, протесты акцийы ницы цаутӕ ӕрцыд.

"Фӕзуатыл дарддӕр рад хӕссынц барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ. Алцыдӕр у сабыр, ӕнӕ фӕткхӕлдтӕй", - банысан кодтой МХМ.

Августы кæрон рабæрæг ис, МХМ хистæры амарын бафæлварыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймаг Дзабиты Иналы рæстæгмæ дарæн изоляторæй кæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр фехъусын кодтой, лæппу кæй амард.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ.