Хуссар Иры Дзауы районы равзӕрстой рӕсугъддӕр кӕртон наз бӕлас

Ӕдӕппӕтӕй конкурсы хайад райстой авд хъӕуы, кӕцытӕ сфӕлыстой кӕртыты ногазон атрибуттӕй. Хуыздӕр наз бӕласы фысымты схорзӕхджын кодта Дзауы районы разамонӕг Джиоты Андрей
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы равзӕрстой иууыл рӕсугъддӕр наз бӕлас. Хслебы хъӕууон администрацийы бӕлас нымад ӕрцыд иууыл хуыздӕр фӕлындыл, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-секретарь Тедеты Лиана. 

Хуссар Иры Дзауы районы равзӕрстой рӕсугъддӕр кӕртон наз бӕлас

Хуыздӕр наз бӕласы фысымты схорзӕхджын кодта Дзауы районы разамонӕг Джиоты Андрей.

"Иууыл рӕсугъддӕрыл банымадтой Хслебы наз бӕлас, дыккаг бынатыл ацыд Фаллаг фарс ӕмӕ ӕртыккаг та Хуыцъейы хъӕу",- радзырдта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, районы кӕртон наз бӕлӕсты конкурс ацы аз фыццаг хатт расидтысты ӕмӕ дзы хайад райстой авд хъӕуы.