МХМ фехъусын кодтой Хуссар Иры криминогенон уавӕры тыххӕй

Мидхъуыддӕгты министрады радзырдтой республикӕйы фӕткхӕлдтӕ ӕмӕ фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд иу фыдракӕнд, кӕцы раргом кодтой барадхъахъхъӕнджытӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.

Цхинвалы милици раргом кодта хӕдтулгӕйы адавд

Афтӕ ма уагдоны банысан кодтой, алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ кӕй ӕрбаздахтой цалдӕр адӕймаджы. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй Цхинвалы бӕрнмӕ ӕрбаздахтой фараст адӕймаджы.

Уымӕй дарддӕр Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 189 фӕткхалды. Фондз шофыры ӕрурӕдтой автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.