Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры спайда кӕндзысты нырыккон хӕсты фӕлтӕрддзинадӕй

Ацы аз уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕ цӕттӕкӕнынады сӕйраг хъусдард здахдзысты ӕнӕстандартон методтӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы батальонон тактикон къорд сӕххӕст кодта марш полигон "Дзарцъем"-мӕ, ӕмӕ радыдтой кусын тактикон приемтыл нырыккон тохы уавӕрты хӕхты, хъусын кӕны къуырисӕры Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры ӕрыздӕхтысты базӕмӕ быдырон ахуыртӕй

"Ацы аз уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕ цӕттӕкӕнынады сӕйраг хъусдард здахдзысты ӕнӕстандартон методтӕм, хсӕвыгон хӕстон архӕйдтытӕ уадзынмӕ, афтӕ ма ныхмӕлӕууӕджы дронты ныхмӕ тохмӕ", - банысан кодтой Хуссар ӕфсӕддон зылды.

Мотоӕхсджыты пологинмӕ ракӕныны размӕ ауагътой разысгӕрст ӕнӕпилотон авиацийы руаджы , радзырдта Хуссар ӕфсӕддон зылды минӕвар.

Дӕлхайӕдты командӕгӕнджытӕ спайда кӕндзысты нырыккон хӕсты фӕлтӕрддзинадӕй, афтӕ ма пайда кӕндзысты ӕнӕстандартон методтӕй дӕлхайӕдтӕн командӕтӕ дӕттыны рӕстӕджы, бахахх кодта зылды минӕвар.