Дӕсгай адӕймӕгтӕ райстой дзуарӕфтыд Хуссар Ирыстоны Доныскъӕфӕнты

Республикӕйы ацыдысты бӕрӕгбонон Хуыцаумӕскуывдтӕ, Леуахийы цӕугӕдоны та уагъд ӕрцыд дзуарӕфтыд райсыны церемони
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны расткадонтӕ дыццӕджы нысан кӕнынц Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбон (Доныскъӕфӕнтӕ). Бӕрӕгбонон Хуыцаумӕскуывдтӕ ацыдысты республикӕйы алкӕцы аргъуаны дӕр.

Дӕсгай адӕймӕгтӕ райстой дзуарӕфтыд Хуссар Ирыстоны Доныскъӕфӕнты

Алайнаг епархийы сӕйраг аргъуаны литургийы фӕстӕ расткадонтӕ сарӕзтой дзуарцыд Леуахийы былгӕронмӕ, цы ран донаргъуыд райстой 25 адӕймаджы. Сӕ иууыл чысылыл цыд ӕрмӕстдӕр цалдӕр мӕйы.

Дӕсгай адӕймӕгтӕ райстой дзуарӕфтыд Хуссар Ирыстоны Доныскъӕфӕнты

Хъӕцмӕзты Зӕринӕйӕн абон донаргъуыд райста йӕ дыууӕаздзыд фырт. Мады ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты ацы райдзаст бӕрӕгбонмӕ.

"Абон стыр бон у - Хуыцау раргом кодта йӕхи. Мах ӕнӕхъӕн бинонтӕй ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм ацыбӕрӕгбонмӕ, цӕмӕй нӕ чысыл лӕппу райса дзуарӕфтыд ӕмӕ ныр нӕ бӕлицц сӕххӕст", - загъта Зӕринӕ.

Цӕугӕдоны был айтыгътой хъармгӕнӕн пункттӕ, ӕхсӕнадон фӕткмӕ сӕ хъус дардтой барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ. Сыгъдӕг доны найджыты ӕдасдзинад та хъахъхъӕдтой УУМ ирвӕзынгӕнджытӕ.

Дӕсгай адӕймӕгтӕ райстой дзуарӕфтыд Хуссар Ирыстоны Доныскъӕфӕнты

Цӕрджытӕ ма систй цӕугӕдонӕй сыгъдӕг дон дӕр, кӕцыйӕ пайда кӕндзысты ӕнӕхъӕн афӕдзы дӕргъы - иннӕ Доныскъӕфӕнтӕм.

Дысон изӕр та донаргъуыд ацыд Цхинвалы районы Дменисы хъӕуы цӕугӕдоны.