ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы сӕ тӕмӕны сты ног цӕрӕнуаты арӕзтадон куыстытӕ.
1991 азы стыр зæххæнкъуысты фæстиуæгæн та Дзауы районы цæрджытæй бирæтæ баззадысты æнæхæдзарæй, бирæтæн сæ хæдзæртты къултæ ныффæстытæ сты æмæ сæ цæрынæн нал уыд æмбæлон уавæртæ. Кӕд Дзауы райцентры 2020 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт æрцыд 18-фатерон хæдзар æмæ 18 хæдзары бинонтæ ифтонг æрцыдысты фатертæй, уæддæр цæрæнуатон фарст актуалон у районы бирæ цæрджытæн. Уымæн æвдисæн у, районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андреймæ кæй дæттынц куырдиæттæ, кæцыты фæдомынц сæ цæрæнуатон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын.
Дыууæ æртæуæладзыгон цæрæн корпусы ныртæккæ арæзтадон куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Хæдзæрттæй сæ иуы арæзтадыл кусы фирмæ "Монах".
"Кусы нæм15 адæймаджы. Ныртæккæ уыдон архайынц объекты сæр æмбæрзыныл. Йæ фылдæр хай æмбæрзт æрцыд, афонмæ фæуыдаид, фæлæ сæ тынг бахъыгдардтой къæвдатæ. Сæрст æрцыдысты къултæ, бауагътой йæм электроны хахх, сарӕзтам хъæрмадон системæ", - ранымадта объекты хистæр Зæгъойты Валерий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кусæгдыхæй сты ифтонг. Иутӕ кусынц фатерты гæрæнтæ амайыныл, иннæтæ сæрдынц къултæ, хицæн бригадæйæ кусынц электриктæ æмæ сантехниктæ. Афтæ кæрæдзийы ивынц æмæ дзы куыст никуы æрнымæг вæййы. Рудзгуытæ дæр æвæрд æрцыдысты.
"Арæзтадон æрмæджытæй сты æххæст. Цæмæй фатерты полтæ хъармдæр æмæ фидардæр арæзт æрцæуой, уый тыххæй уал сыл фыццаг сæвæрдзысты пенопласт, стæй йыл айтындздзысты æфсæйнаг хыз æмæ йæ уый фæстæ сбетон æмæ слæгъз кæндзысты. Иудзырдæй, бацæттæ сæ кæндзысты ламинат сæвæрынмæ", - загъта Зæгъойты Валерий.
Иннæ æртæуæладзыгон хæдзар дæр арæзт цæуы йæ фарсмæ. Уый та аразы арæзтадон фирмæ "ЦСК".
"Ныртæккæ ацы объекты кусы 17 адæймаджы. Ам дæр бригадæтæ ивынц кæрæдзи. Кусджытæ бакодтой къулсæрдæн куыстытæ, ауагътой электрохæххыты, сарæзтой сантехникæ, аразынц фатерты гæрæнтæ. Ацы объектыл куыстытæ коронавирусы аххосæй графикæй чысыл фæстæдæр аззадысты, фæлæ ныр уавæр рараст, рæстæгыл ифтонг цæуынц арæзтадон æрмæгæй æмæ кæд боныгъæдтæ бауадзой, уæд ацы бонты кæронмæ бамбæрздзысты хæдзары сæр, сæвæрдзысты рудзгуытæ", - радзырдта фадыджы хистæр Томайты Вадим.
Банысан кæнын хъæуы уый æмæ фатертæ хæрзарæзт æрцæудзысты канд ми-дæгæй нæ, фæлæ ма æддейæ дæр. Хæрзарæзт æрцæудзæн хӕдзары кæрт дæр - уым сабитæн уыдзæн хъазæн фæзуат, улæфæн зонæ.