Паддзахадон театр сног кодта спектакльты ӕвдыст дӕсмӕйон карантины фӕстӕ

Культурон уагдон йӕ равдыстон куыст ӕрурӕдта республикӕйы коронавирусы апарахаты тасӕй тобӕты фӕлгӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр сног кӕндзӕн йӕ равдысттӕ. Ӕрвыл майрӕмбон ӕвдыст цӕудзысты аргъӕуттӕ сабитӕн, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.

Ӕвзонг кӕсджыты театр Цхинвалы хоны чысыл актерты

Паддзахадон театр ивгъуыд азы уалдзӕгӕй фӕстӕмӕ нал ӕвдыста спектакльтӕ, коронавирусы апарахаты тасӕй цы тобӕтӕ архайдтой республикӕйы, уыдон тыххӕй, фӕлӕ уагдоны цыдысты репетицитӕ.

"Эпидемиологон уавӕр кӕй фӕхуыздӕр ис, стӕй ахуырадон уагдӕттӕ кӕй скуыстой, уый хынцгӕйӕ паддзахадон театр сног кодта йӕ равдысттӕ. Ӕрвыл майрӕмбон ӕвдыст цӕудзысты аргъӕуттӕ", - загътой пресс-службӕйы.

Паддзахадон театры репертуары ис цалдӕр спектаклы сабитӕн, сӕ нымӕцы "Домбай гӕды", "Бирӕгъ ӕмӕ тӕрхъустӕ", "Сырх худ" ӕмӕ ӕндӕртӕ.