Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлдзӕн йӕ уӕрӕсейаг коллегӕимӕ Мӕскуыйы

Дыууӕ бӕстӕйы ӕддагполитикон уагдӕтты сӕргълӕуджытӕ фӕнд кӕнынц ӕрдзурын ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл архайды координацийыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры х.ӕ. Медойты Дмитрий фембӕлдзӕн Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕууӕг Сергей Лавровимӕ. Фембӕлд ацӕудзӕн Мӕскуыйы къуырисӕры, 25 январы, хъусын кӕны республикӕйы ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.

"Фембӕлды рӕстӕджы фарсытӕ ӕрдзурдзысты дыууӕварсон ӕмгуыстадыл ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл архайды координацийыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уӕрӕсейы Федераци банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2008 азы 26 августы. Уымӕй дыууӕ къуырийы фӕстӕ Цхинвал ӕмӕ Мӕскуыйы хсӕн бындур ӕрӕвӕрдӕуыд дипламатон ахастытӕн.