Президентмӕ бахатдзыстӕм: Цхинвалы ӕвӕрынц цырт Сагкаты Валерийӕн

Цырт фӕнд кӕнынц сӕвӕрын паддзахадон театры фӕсчъылдым, Ногдзауты парчы. Уым фидӕны гӕнӕн уыдзӕн уадзын бардон фестивальтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сфӕлдыстадон кусджытӕ бахатдзысты Паддзахад Аланийы разамонӕг Бибылты Анатолиймӕ, цӕмӕй сӕ фарсмӕ балӕууа зындгонд дзӕнӕттаг зарӕггӕнӕг, дыууӕ Иры адæмон артист Сагкаты Валерийӕн Цхинвалы цырт сӕвӕрыны хъуыддаджы. Уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik сгуыхт зарӕггӕнӕг Бекъойты Вано.

Президентмӕ бахатдзыстӕм: Цхинвалы ӕвӕрынц цырт Сагкаты Валерийӕн

Сагкаты Валерийы цырт сӕвӕрыны хъуыды раразмӕ кодтой фондз азы размӕ зарӕггӕнӕджы юбилеймӕ.

"Дыууӕ концерт ауагътам - цӕгаты ӕмӕ хуссары. Цӕмӕй Сагкаты Валерийӕн кады аккаг цырт сӕвӕрӕм, уымӕн ацы фӕрӕзтӕ сты йӕ мисхал. Уымӕ гӕсгӕ мах - Ирыстоны дыууӕ хайы культурӕйы кусджытӕ - цӕттӕ кӕнӕм фыстӕг Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы номыл, цӕмӕй нын баххуыс кӕна Сагкаты Валерийӕн Цхинвалы цырт сӕвӕрынӕн", - загъта Бекъойты Вано.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕны цыртӕн ис цалдӕр бацӕттӕгонд эскизы.

"Фӕнды нӕ, цӕмӕй паддзахадон театры фӕсчъылдым, Ногдзауты парчы уа номдзыд гоймаджы цырт. Уым фидӕны гӕнӕн уыдзӕн уадзын бардон фестивальтӕ. Цырты эскизтӕ бацӕттӕ кодтой Бекъойты Алан, Хайты Ибрагим ӕмӕ Дзбойты Арсен", - бафтыдта зарӕггӕнӕг.

Зарæггæнæг, композитор, поэт, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Сагкаты Алексейы фырт Валерий райгуырд 14 январы 1951 азы. Уыд бирæнымæц конкурсты лауреат, архайдта зындгонд къорд "Айзæлд" æмæ легендарон ВИА "Бонвæрнон"-ы сконды. Зарæг "Мæ Ирыстон" Валерийы æххæстæй ссис адæмон гимн. Сагкаты Валерийы ном хæссы Цхинвалы уынгтæй сӕ иу.

Зындгонд ирон зарӕггӕнӕг Сагкаты Валерий фӕмард 16 февралы. Уӕд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хсæн иунæг фæндагыл зæйы бын фесты 20 адæймагæй фылдæр, се 'хсӕн номдзыд спортсмен Коцты Гри æмæ адæмон артист Сагкаты Валерий дæр. Валерийыл цыд 41 азы.