ФТЦ ӕмӕ фыдракӕндтӕ: МХМ радзырдтой Хуссар Иры криминогенон уавӕры тыххӕй

Республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органты радзырдтой, цал фыдракӕнды ӕмӕ аварийы ӕрцыд бӕстӕйы авд бонмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны иу къуыримӕ ӕрцыд ӕртӕ фыдракӕнды, уыдонӕй иу нӕ раргом кодтой, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы милици раргом кодта хӕдтулгӕйы адавд

Афтӕ ма, ивгъуыд къуыри цалдӕр адӕймаджы ӕрбаздахтой бӕрнмӕ алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй.

Уымӕй дарддӕр, МХМ фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй дӕр. Паддзахадон автоинспекцийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау, аварийы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ авд бонмӕ ӕдӕппӕт сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 183 фӕткхалды, цыппар шофыры ӕрурӕдтой автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.