Къалаты Нариман: ӕвзонг техниктӕ цӕттӕ сты ахуыртӕ сног кӕнынмӕ

Алы ног ахуыры аз дæр æвзонг техникты станцмæ æрбацæуы 150 скъоладзауы бæрц, уыдон фылдæр вæййынц лæппутæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik, Дриаты Лейла. Æвзонг техникты станц Цхинвалы кусы бирæ азты дæргъы æмæ техникæмæ цымыдисгæнæг ахуырдзау фæсивæды скъолайы ахуыры æддейæ хотыхджын кæны сæрмагонд зонындзинæдтæй. Ацы ахуырадон уагдоны ис æндæр æмæ æндæр къордтæ, цыран фæсурокты скъоладзаутæ райсынц ног зонындзинæдтæ, кæцыты стæй практикон æгъдауæй равдисынц сæ бацæттæгонд мадзæлтты республикон æмвæзадыл.

Карантины фӕдыл тобӕтӕ ист куы æрцыдысты æмæ уавæр куы фæхуыздæр, уæд та коллектив дӕр цæттæ у ахуыргæнинæгтимæ кусынмæ. Алы ног ахуыры аз дæр æвзонг техникты станцмæ æрбацæуы 150 скъоладзауы бæрц, уыдон фылдæр вæййынц лæппутæ.

"Лæппуты иууыл тынгдæр цымыдис кæны роботехникæ æмæ 3D модельтæ аразыны кружоктæ. Чызджытæ та фылдæр цымыдис кæнынц арæхстджын къухты кружокмæ. Æцæг, хъæдæрмæгыл нывæфтыдтæ кæй цымыдис кæны, ахæм чызджытæ дæр ис. Уæддæр къордтæ иууыл тынгдæр цæуынц роботехникæйы уроктæм", - радзырдта Æвзонг техникты станцы директор Къалаты Нариман.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы къорд кӕд нырма дыууæ азы размæ байгом, уӕддӕр ссис иууыл уарзондӕр, уымæн æмæ кружокты ис роботтæ, ис сын сæрмагонд конструктор æмæ йæ хъуамæ сæмбырд кæной. Фыст ыл цæуы компьютерон программæ йӕ æмæ афтæмæй робот кусы удæгас принципмæ гæсгæ.

"Нæ республикæ цифрæйон телеуынынадмæ куы ахызт, уæд ацы кружокы ахыдындзинад дæр фæактуалон ис. Фæзынд ахуыргæнæг æмæ кружок дæр ифтонг æрцыд æнæмæнгхъæуæг техникæйæ", - радзырдта Къалаты Нариман.

Уый ма бафтыдта, Ахуырад æмæ зонады министрад хорз сæ хъус кӕй дарынц станцы кусджытæм, рæстæгæй-рæстæгмæ сæ баххæст кæнынц нырыккон ифтонггæрзтæй.

"Президент Бибылты Анатолийы фæрцы 2020 азы балхæдтам нырыккон тæрх, кæцы тынг зæрдиагæй хъуыд нæ куыстуаты. Ацы тæрх зынаргъ уыд, нæхи фæрæзтæ дæр дзы уыд, фæлæ уыдон фаг нæ уыдысты. Ифтонгад цæмæн хъæуы æмæ цы функцитæ æххæст кæндзæнис, уый куы базыдта президент, уæд йæ сæрмагонд фондæй рахицæн кодта, цы æхцайы фæрæзтæ ма нӕ фаг кодта, уыдон. Ацы ифтонгад иттæг ахъаз фæцис станцы ахуыргæнджыты куыстӕн", - зæгъы директор.

Станцы хъомылгæнинæгтæ арæх вæййынц Цæгат Ирыстоны техникон центр "Квонторий"-йы конкурсты ӕмӕ дзы фылдæр хатт бацахсынц призон бынæттæ. Цæгаттаг коллегæтæ, Къалаты Нариманы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хорз райсынц цхинвайлаг сабиты, ауадзынц сын мастер-кластæ.

Станц ма интенсивон куыст кæны, районты сын цы къордтæ ис, уыдонимæ. Зæгъæм филиалтæ сын ис Дзауы скъолайы, Цхинвалы скъола-интернаты æмæ ма горӕты 10-æм скъолайы дæр.