Хуссар Иры грэпплертӕ хъахъхъӕндзысты республикӕйы кад Краснодары турниры

Хуссарирыстойнаг грэпплертӕ хайад райсдзысты турнир "Kuban open 10"-ы Краснодары. Ерыстӕм ацӕудзысты дӕсмӕ ӕввахс хъӕбысӕйхӕцӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны грэпплертӕ хайад райсдзысты гом турнир "Kuban open 10"-ы, кӕцы ацӕудзӕн Краснодары 31 январы. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта грэпплингы тренер Дудайты Владимир.

"Турнирмӕ равзӕрстам дӕс хъӕбысӕцхӕцӕджы, фӕлӕ мах нырма ауадздзыстӕм контролон тохтӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕнӕм ноджы цыппар хайадисӕджы нӕ командӕйӕ. Кары категоритӕ, кӕцытӕ ацӕудзысты ерыстӕм, уыдзысты 15-16, 17-18 ӕмӕ 20+", - загъта Дудайты Владимир.
Хуссар Иры грэпплертӕ хъахъхъӕндзысты республикӕйы кад Краснодары турниры

Ерыстӕм ацӕудзысты: Гобозты Эльбрус, Тасойты Ренат, Куымӕридтаты Марат, Мӕлдзыгаты Марат, Бекъойты Владислав, Пӕррӕстаты Олег, Максим Мущиц ӕмӕ Григорий Кройненко.