Хуссар Иры кад АрМИ-2021-ы хъахъхъӕндзысты 60 ӕфсӕддонӕй фылдӕр

Республикӕйы хъахъхъӕнынадон уагдоны кусджытӕ радзырдтой ДИФ минӕвӕрттимӕ фембӕлды Sputnik пресс-центры, куыд цӕттӕ кӕнынц командӕтӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны кад Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты 2021 азы хъахъхъӕндзысты 60-мӕ ӕввахс ӕфсӕддоны. Уый тыххӕй фехъусын кодта журналисттӕн Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынады фӕдыл офицер, майор Тедеты Давид.

Уый банысан кодта, ныртӕккӕ ӕфсӕддонтӕ активонӕй кӕй цӕттӕ кӕнынц Хъӕзтытӕм. Медиктӕ сӕ хъус дарынц сӕ физикон ӕмӕ психологон уавӕрмӕ.

"Административон кусджытимӕ иумӕ Хъӕзтытӕм ӕдӕппӕт ацӕудзысты 60-мӕ ӕввахс адӕймаджы", - банысан кодта майор.
Хуссар Иры кад АрМИ-2021-ы хъахъхъӕндзысты 60 ӕфсӕддонӕй фылдӕр

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕттӕкӕнынад цӕуынц куыд сӕйраг командӕтӕ, афтӕ фӕстауӕрцонтӕ дӕр.

Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад сарӕзта командӕтӕ АрМИ-2021-мӕ

Тедеты Давид банысан кодта, Хъӕзтыты алы командӕйӕн дӕр кӕй хъуамӕ уа йӕхи техникӕ, фӕлӕ хайадисӕг бӕстӕйы куырдиатӕй организатортӕ раттынц сӕхи хӕстон хӕдтулгӕтӕ.

Хуссар Ирыстон ацы аз дыккаг хатт хайад райсдзӕн Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты, кӕцытӕ райдайдзысты августы ӕмӕ ацӕудзысты 15 бӕстӕйы территорийыл. Республикӕ арвитдзӕн Хъӕзтытӕм ӕртӕ командӕйы, кӕцытӕ хайад райсдзысты конкурсты: "Танковый биатлон", "Снайперский рубеж", "Отличники войсковой разведки".

2020 азы хуссарирыстойнаг командӕтӕ фыццаг хатт хайад райстой конкурсты "Танковый биатлон" ӕмӕ "Отличники войсковой разведки" ӕмӕ райстой бӕрзонд фӕстиуджытӕ, сӕйраджыдӕр танкисттӕ. Уыдон дыккаг дивизионы бацахстой ӕртыккаг бынат.