Югосетпотребнадзор фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Санитарон уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынад цӕуынц 784 адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой 11 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Цӕгат Иры ноджы дыууӕ адӕймаджы амардысты коронавирусӕй

"168 иртӕстӕй 11 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Гаглойты Анна.

Уый ма бафтыдта, цыппӕрӕмы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынад цӕуынц 784 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сарӕзтой 15 427 тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2 766 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Хуссар Ирыстоны фæрогдæр кодтой коронавирусы фæдыл тæбæтæ. Хуымӕтӕг режимы куыстмӕ рахызтысты уагдӕттӕ ӕмӕ организацитӕ, сӕ нымӕцы ахуырадон уагдӕттӕ дӕр.