Сывæллæтты къухæй: Цхинвалы кæнынц ирон национ инструментты æрмадз

Рæзгæ фæлтæры чысыл къордтæй цайдагъ кæндзысты инструменттæ аразын, фыццаг рады уал сфæлдисдзысты дала-фæндыр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы уӕвӕг Ӕвзонг техникты станцы бындурыл ахуыр кӕндзысты рагон ирон музыкалон инструменттӕ аразын ӕмӕ сыл цӕгъдын ахуыр кӕнын. Ӕрмадзы баконд фӕфӕстиад ис коронавирусы аппарахат ма руадзыны фӕдыл тобӕты аххосӕй, фехъусын кодта Sputnik уагдоны директор Калаты Нариман.

"Мӕйы ӕмгъуыдмӕ скусдзӕн ӕрмадз, кӕд та ногӕй нӕ бакӕной тобӕтӕ. Сывӕллӕттӕ фыццаджы ахуыр кӕндзысты музыкалон инструменттӕ аразын, стӕй ма уыдоныл цӕгъдын дӕр",- загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сабитӕн куыд аразынӕн, афтӕ цӕгъдын дӕр фыццаг этапы уыдзӕн дала-фӕндыр.

Ирон инструменттӕ ӕмӕ архитектурӕ: Калаты Нариман ӕвзонг техникты станцы тыххӕй

"Хатӕнтӕ уадиссаджы стыр не сты, уымӕ гӕсгӕ иу къорды ахуыр кӕндзысты ӕрмӕст цыппар ахуырдзауы онг. Ахуыртӕ цӕудзысты сихорӕй фӕстӕмӕ",- бафтыдта уый.

Рагон ирон музыкалон инструменттӕ аразыны ӕрмадз конд ӕрцыд Ӕвзонг техникты станцы бындурыл. Йӕ бакӕныныл бацархайдта ӕвзонг лӕппу Гаглойты Алан, кӕцы уымӕй размӕ ацы нысанӕн рамбылдта уӕрӕсейаг конкурсы грант. Проект ӕххӕст кӕнынӕн йын ӕххуыс кӕны Цӕгат Ирыстоны ӕнгӕс ӕрмадзы бардарӕг Деметы Зауыр.