Зынгфæдисонтæ хуыссын кæнынц хъæдын хæдзары зынгирвæзт Хуыцъейы хъæуы

Бынатмӕ ацыд дыууӕ къорды - районы ӕмӕ горӕты хайадтӕй. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, зынгирвӕзты зианбаййафджытӕ нӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хуыцъейы хъӕуы ссыгъд хисӕрмагонд хӕдзар, зынгирвӕзты ахуыссын кӕныныл архайынц дыууӕ зынгфӕдисон къорды, фехъусын кодта Sputnik уагдоны радгӕсон Битеты Ацӕмӕз.

Уӕлвӕткон уавӕрты министрадмӕ фæдзырдтой дыццӕджы райсом 9:59 сахатыл.

"Ссыгъд хъӕдын хӕдзар. Бынатмӕ ацыд дыууӕ къорды - районы ӕмӕ горӕты хайадтӕй. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, зынгирвӕзты зианбаййафджытӕ нӕй",- загъта радгӕсон.

Уый ма бафтыдта, хӕдзар ӕдзӕрӕг нӕ уыд.

Уымӕй размӕ, зынгирвӕзт ахуыссын котой Знауыры районы бирӕуӕладзыгон хӕдзары.