Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Таймӕзты Русланбег рамбылдта ЦКФЗ фыццагад

Кады пьедесталмӕ ма схызтысты Биазырты Гамлет, кӕцы рамбылдта ӕвзист майдан, ӕмӕ Кортиаты Артур, кӕцы рамбылдта бронзӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik. Таймӕзты Русланбег Цӕгат Ирыстонӕй ссис Цӕгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) фыццагады уӕлахиздзау уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 18 азы кары онг фӕсивӕды хсӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.

Ирон богалтӕ ссисты Дунейы кубокы призертӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Таймӕзты Русланбег схызт кады пьедесталы уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ 110 килограммы уӕзы категорийы. Таймӕзты Русланбегӕй дарддӕр ноджы дыууӕ ирыстойнаг спортсмены рамбылдтой хорзӕхтӕ.

Ӕвзист майдан рамбылдта Биазырты Гамлет (110 кг). Ерысты бронзӕйон призер та ссис Кортиаты Артур (110 кг). Спортсменты бацӕттӕ кодтой тренертӕ Лалыты Георгий, Лалыты Вадим, Кокойты Таймураз ӕмӕ Исахъты Георгий.