Удæгас у: Цæгат Ирыстоны ссардтой кавказаг стай Батразы

Батразы хъуырцæгæй спутникон сигнал нал цыди ивгъуыд азы 21-æм октябрæй фæстæмæ. Уымæ гæсгæ тæссаг уыди, сырх чиныгмæ цы цæрæгой хаст æрцыди, уый кæй фæци браконьерты амæттаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны ссардтой кавказаг стай Батразы, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Батразы хъуырцæгæй спутникон сигнал нал цыди ивгъуыд азы 21-æм октябрæй фæстæмæ. Уымæ гæсгæ тæссаг уыди, сырх чиныгмæ цы цæрæгой хаст æрцыди, уый кæй фæци браконьерты амæттаг.

"Цæгат Иры æрдзы министрады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй хъæддаг сырды бафиппайдтой республикæйы кæмттæй иуы фæндагмæ хæстæг æмæ йæ адæм систой сæ телефонтæм. Батраз кæй разынд, уый фадат дæтты бæстæйы леопардты лæппынтæ фæзынынæн", - дзырдæуы хъусинаджы.

Специалисттæ дарддæр сæ цæст дарынц леопард Агуындæмæ дæр. Ныртæккæ бæрæг у уый, æмæ Агуындæ Ирыстоны фæцыд 867 километры.