Уæрæсейаг парламентарийтæ Косачевы сæргълæудæй æрцæудзысты Хуссар Ирмæ

Республикæмæ кусæгон балцы рæстæджы уæрæсейаг парламентарийтæ фембæлдзысты сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ, æруынаффæ кæндзысты æхсæнпарламентон æмгуыстадыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Уæрæсейаг парламентон делегаци Федерацийы Советы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæргълæууæг Константин Косачевы сæргълæудæй æрцæудзæн майрæмбоны Хуссар Ирыстонмæ, хъусын кæны закондæттæг органы пресс-службæ вице-спикер Гасситы Петры ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.

Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, Косачевæй дарддæр ма делегацийы сконды уыдзысты сенатортæ Крым Казаноков æмæ Олег Селезнев, афтæ ма Тайсаты Хъазбег дæр.

Балцы нысан - хуссарирыстойнаг депутаттимæ фембæлд æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл æдзухон къамисы фæлгæтты.

"Фембæлдтæ æхсæнпарламентон æмгуыстады фæлгæтты цæуынц æдзух дæр, куыд Хуссар Иры парламенты, атфæ УФ Паддзахадон думæйы дæр. Пандемийы тыххæй ацы фембæлдтæ æрурæдтам æмæ ныр тынг æхсызгон у раздæхын конструктивон куыстмæ", - загъта фыццаг вице-спикер.

Ӕхсæнпарламентон æмгуыстад, йæ ныхæстæм гæсгæ, хæссы стыр пайда дыууæ бæстæйы адæмтæн, Къамисы уылты скъуыддзаг цæуынц "кæцыдæр проблемон фарстытæ, кæцытæн æндæргъуызон аскъуыддзаггæнæн нæй".

Хуссар Ирыстоны парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Советы хсæн æмгуыстады бадзырд бафыстæуыд 2008 азы сентябры.