Зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой судзгӕ хус кӕрдӕг Хуссар Иры дыууӕ хъӕуы

Ӕртыццӕджы Дменисы хъӕуы ссыгъд хус кӕрдӕг, арт аххӕссыд 200-300 квадратон метрыл. Ахӕм цау ма ӕрцыд Хъорнисы хъӕуы дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Дменисы хъӕуы Гуырдзыстоны арӕны цур ӕртыццӕджы ссыгъд хус кӕрдӕг, фехъусын кодта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады хистӕр, майор Зӕгъойты Важа.

"УУМ радгӕсон хайадмӕ цауы фӕдыл бадзырдтой 17:29 сахатыл. Зынгсирвӕзты бынатмӕ ацыд зынгфӕдисон къорд. Арт аххӕссыд 200-300 квадратон метрыл", - загъта Зӕгъойты Важа.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Знауыры районы УУМ радгӕсон хайадмӕ та бадзырдтой 18:15 сахатыл ӕмӕ фехъусын кодтой Хъорнисы хъӕуы хус кӕрдӕджы ссыгъды тыххӕй. Зынгфӕдисонтӕ сӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрд ӕмӕ ахуыссын кодтой арт.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, уыцы бон ма Цхинвалы районы Галуанты хъӕуы хисӕрмагонд хӕдзары кӕй ӕрцыд зынгсирвӕзт, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн амард иу адӕймаг.