Транскамы хуссайраг фарсыл уары мит. Трассӕ нырма кусы

Фӕндагон службӕтӕ сыгъдӕг кӕнынц фӕндаг митӕй Трнаскавказаг автомагистралы хуссарирыстойнаг хайыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Транскавказаг автомагистралы хуссарирыстойнаг хайыл уары мит, фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, фӕндаг кусы хуымӕтӕг режимы, фехъусын кодта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон Битеты Ацӕмӕз.

"Транскамы хуссайраг фарсыл уары мит. Фӕндагон службӕтӕ сыгъдӕг кӕнынц фӕндаг митӕй", - загъта Битеты Ацӕмӕз.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, цӕгаттаг порталыл афтӕ стыр мит кӕй нӕ уары. Фӕндаг сӕхгӕныны тыххӕй нырма информаци нӕй, бафтыдтой радгӕсон хайады.

Транскавказаг автомагистраль — иунӕг фӕндаг, кӕйы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.