Хуссар Иры арӕны режим фехалджыты нымӕц дыууӕ хатт фӕкъаддӕр – ПӔК

Декабры арӕныл ӕрурӕдтой 28 адӕймаджы, ацы азы фыццаг мӕй та ӕрурӕдтой 13 арӕнхалӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад январы феддӕдуар кодта дыууӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ фехӕлдтой республикӕйы арӕн, ноджы ма иуы фӕдыл та бакодтой уголовон хъуыддаг, хъусын кӕны къуырисӕры РХИ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Хуссар Иры ПӔК радзырдтой ивгъуыд азы арæнхалджыты тыххæй

Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны алыгъуызон хӕйттыл ивгъуыд мӕй ӕдӕппӕт ӕрурӕдтой 13 арӕнхалӕджы. Фарон декабры сӕ нымӕц уыд 28.

Уагдоны банысан кодтой, аст адӕймаджы кӕй фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, аннӕтӕ та арӕнгӕрон режим.

"Арӕнхалджыты фӕдыл процессуалон архайды фӕстиуджытӕм гӕсгӕ фараст адӕймаджы фӕивар кодтой, дыууӕйы феддӕдуар кодтой республикӕйӕ ӕнӕ иварон санкцитӕй, иу адӕймаджы ныхмӕ бакодтой уголовон хъуыддаг, ноджы ма иуы та бафӕдзӕхстой", - радзырдта уагдоны минӕвар.

ПӔК ма банысан кодтой, Ленингоры ӕмӕ Дзауы районы цӕрджытӕн дарддӕр кӕй дӕттынц документтӕ, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны арӕны сӕрты ахизой уадзӕн пункт "Хелчуа"-йы уылты.