Зынгæ къаддæр: Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой ӕртӕ ног рынчыны коронавирусӕй

Республикӕйы коронавирусӕй рынчынты ахӕм цъус нымӕц фӕстаг хатт сбӕрӕг кодтой фарон сентябры, Уӕрӕсеимӕ арӕн куы бакодтой, уӕд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 фев - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой ӕртӕ ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта дыццӕджы республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл 58 иртӕстӕй ӕртӕ радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Коцты Марина.

Цӕгат Иры Роспотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл
Афтӕ ма Коцты Марина бафтыдта, ивгъуыд суткӕйы дӕргъы медикты хыгъдӕй кӕй систой 20 адӕймаджы, ӕдӕппӕт та рынчындӕттӕй рафыстой 2067 пациенты. Стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынад цӕуынц 834 адӕймаджы, бафтыдта уый.

Санитарон уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, пандемийы рӕстӕджы сарӕзтӕуыд 16 690 тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2901 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.