Дыгуры сæвæрдзысты Хетæгкаты Къостайы бюст

Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы бюст фæнд кæнынц сæвæрын ирон æвзаджы бæрæгбон – 15 маймæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Дыгургомы сæвæрдзысты ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы бюст, хъусын кæны 15 регион.

Къоста – сæууон стъалы, тæмæнкалгæ хур: ахуыргæнæг ирон генийы тыххæй

"Махæн уый кады хъуыддаг у. Ныфс нæ ис, ирон æвзаджы Бонмæ бюст цæттæ кæй уыдзæн, уымæй", –хъусын кæны 15 регион Дыгуры районы сæргълæууæг Езеты Аланы ныхæстæ.

Ацы хабар рабæрæг республикæйы фысджыты цæдисы æрбадты. Ӕмбырды æппæт архайджытæ дæр ацы хъæппæрис хорзыл банымадтой.

Ацы фарстыл æрныхас кодтой скульптор Хайты Ибрагимимæ, стæй ма бынæттон администрацийы разамындимæ æмæ минæвæртты æмбырды сæрдаримæ.