Хуссар Иры хицауад финансон ӕххуыс бакӕндзӕн Хъорнисы цӕрӕгӕн йӕ хӕдзары басыгъды фӕдыл

Республикӕйы ӕмбӕстагӕн, кӕцыйӕн йӕ хӕдзар басыгъд 2020 азы декабры, финансон ӕххуыс бакӕныны фӕдыл скъуыддзаг рахастой хицауады рабадтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хицауады фӕстауӕрцон фондӕй рахицӕн кодтой фӕрӕзтӕ, цӕмӕй финансон ӕххуыс бакӕной Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы цӕрӕг Тасойты Иналӕн.

Хуссар Иры Знауыры районы басыгъд хисӕрмагонд хӕдзар

Хъӕуы цӕрӕджы хӕдзар басыгъд зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн фарон декабры.

Тасойты Иналӕн финансон ӕххуыс бакӕныны фӕдыл скъуыддзаг рахастой хицауады рабадтыл. Уый райсдзӕн сӕдӕ мин сомы.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта финансон ӕххуыс бакӕнын Гӕззаты бинонтӕн, кӕцыты хӕдзар Хуыцъейы хъӕуы басыгъд февралы райдайӕны.