Президент бахӕс кодта бакусын коронавирусӕй фӕрынчынуӕвӕг ӕмбӕстӕгты реабилитацийы фарстыл

Ӕмбӕлон фӕдзӕхст Хуссар Ирыстоны президент радта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл оперштабы рабадтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта бакусын республикӕйы ӕмбӕстӕгты реабилитацийыл, кӕцытӕ уыдысты рынчын коронавирусӕй. Ӕмбӕлон фӕдзӕхст Хуссар Ирыстоны президент радта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл оперштабы рабадтыл.

"Сӕйраджыдӕр, уый хауы адӕммӕ, кӕцытӕ низ ахастой уӕззау формӕйы. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фӕрӕзтӕ мах ссардзыстӕм. Нӕ адӕм хъуамӕ ацӕуой реабилитаци Уӕрӕсейы санаториты" – загъта Бибылты Анатолий.

Паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры х.ӕ. Тотчиты Георгийӕн бавдисын хъӕппӕрис ацы фарсты фӕдыл 25 февралы онг.