Хуссар Иры депутаттӕ радон хатт нӕ ӕрӕмбырд сты сессимӕ

Уый уыд фарастӕм фӕлварӕн, цӕмӕй ӕркӕсой бӕстӕйы сӕйраг финансон документмӕ ӕмӕ цалдӕр законы проектмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 фев - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты радон хатт нӕ ацыд сесси, хайад та дзы нӕ райста оппозицион депутатты къорд.

Парламенты быцӕудзинӕдтӕ хъуамӕ ма лӕууой нӕ бӕстӕты интерестӕй уӕлдӕр – Косачев

Депутаттӕ бойкот расидыны фӕстӕ ӕрмӕстдӕр иу хатт ӕрӕмбырд сты сессимӕ – ивгъуыд майрӕмбоны, республикӕмӕ куы ӕрцыд уӕрӕсейаг депутатты делегаци.

Цыппӕрӕмы парламенты фарастӕм хатт бафӕлвӕрдтой ӕркӕсын бӕстӕйы сӕйраг финансон документмӕ ӕмӕ цалдӕр законы проектмӕ.

Хуссар Иры æхсæнады уавæр скарз ис, Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал криминалон милицийы бафарсты рæстæджы нады фæстиуæгæн куы фæмард 28 августы, уый фæстæ.

Фӕстӕдӕр оппозицион депутатты иу къорд арвыста фыстæг Уæрæсейы вице-премьер Марат Хуснуллинмæ, цы ран фехъусын кодтой, РХИ æмæ УФ хицауадты хсæн контакттæ легитимон кæй не сты, уымæн æмæ премьер æмæ министрты кабинетæн сæ æххæстбарты æмгъуыд кæй ацыд 29 октябры.