Хуссар Иры "сырх зонæ"-йы волонтерты арвыстой улæфынмæ Хъырыммæ

Къорды сконды сты Хуссар Ирыстоны коронавирусы инфекци уӕрӕхӕй куы апарахат ис ивгъуыд азы кӕрон, уӕд рынчындоны "сырх зонӕ"- мӕ ӕххусымӕ чи бацыд, уыдон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны минӕвӕртты иу къорд, кæцытæ волонтертæй архайдтой "сырх зонæ"-йы, арвыстой Хъырымы санатори "Северное сияние"- мӕ сӕ ӕнӕниздзинад фидар кӕнынмӕ. Балц арӕзт ӕрцыд президент Бибылты Анатолийы хыгъды хӕрдзтӕй.

Къорды сконды сты Хуссар Ирыстоны коронавирусы инфекци уӕрӕхӕй куы апарахат ис ивгъуыд азы кӕрон, уӕд рынчындоны "сырх зонӕ"- мӕ ӕххусмӕ чи бацыд, уыдон.

Фыццаг къорд фараст адӕймаджы скондӕй Хъырымы горӕт Сакейы баулæфдзæн 20 февральмӕ, стӕй сӕ раивдзӕн дыккаг фӕлтӕр.

"Фарон фӕззӕджы Хуссар Ирыстоны рынчындӕтты уӕззау уавӕр куы сӕвзӕрд коронавирусы апарахаты фӕстӕ, уӕд бирӕ фӕсивӕд бацыд ӕххуысмӕ медиктӕм. Мах дӕр уыдыстӕм сӕ нымӕцы. Уӕд ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд ӕмӕ йӕ нымадтам нӕ хӕсыл. Алчидӕр дзы мӕййӕ къаддӕр нӕ бакуыста, уазал, уӕззау уавӕр ӕмӕ тасы цыд нӕ куыст, нӕ цуры æрцыд зиӕнттӕ, бирӕтӕ сӕхӕдӕг дӕр фӕрынчын сты. Тынг ӕхсызгон нын у нӕ архайд ӕнӕхъусдард кӕй нӕ ныууагътой",- загъта волонтертӕй иу Гӕбӕраты Алан.

Уый ма бафтыдта, санаторийы уавӕртӕй сты тынг райгонд.

Цхинвайлаг лӕппу ауӕй кодта йӕ хӕдтулгӕ, цӕмӕй баххуыс кӕна "сырх зонӕ"-йӕн

"Ӕнӕниздзинад фидар кӕнынӕн у хорз бынат. Ис дзы цъыфӕй ваннӕтӕ, гидромассаж ӕмӕ хорз аходӕнтӕ. Бузныг баззадыстӕм президентӕй, кӕй нын сарӕзта ахӕм фадат. Сырх зонӕйы пациенттӕй бирӕтӕн уыд сӕ бон ахæм балц саразын, фӕлӕ куы фӕфидар сты, уӕд сӕ лӕггад дӕр байрох", - бафтыдта уый.

Санатори "Северное сияние" æвæрд у  диссаджы бынаты - сау денджызы был, йæ фарсмæ ис цад Саки.