Стоп хæдтулгæтæ: Цхинвалы кæцыдæр районтæм цæмæннæ хæццæ кæны æхсæнадон транспорт

Хæдтулгæты нымæц столицæйы æнæрлæугæ кæй фылдæр кæны, уый аххосæй Цхинвалы сарæх сты пробкæтæ, ахуырадон æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады уагдæтты раз азмæлæн нал вæййы
Sputnik

Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ.

Автобусы шофырты бахъӕуы фӕндагон змӕлды тӕмӕны фӕстӕмӕ цыдӕй бацӕуын лӕууӕндонмӕ. Науæд та æхсæнадон транспорт æрлæууы микрорайонмæ бацæуæны. Паддзахадон автоинспекци вæры уæлæмхас нысæнттæ, цæмæй æрнывыл кæна фæндагон змæлд.