Югосетпотребнадзор фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сарӕзтой 17 мин иртӕстӕй фылдӕр коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2 932 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 фев – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сарӕзтой 163 иртӕсты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 15 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Хуссар Иры "сырх зонæ"-йы волонтерты арвыстой улæфынмæ Хъырыммæ

Республикӕйы ӕдӕппӕт сарӕзтой 17 022 тесты коронавирусы фӕдыл, банысан кодта Гаглойты Анна. Санитарон уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 2 932 адӕймаджы, уыдонӕй 2 088 сӕнӕниз сты.

Ивгъуыд суткӕйы ма медицинон хыгъдӕй систой цыппар адӕймаджы, хъусдарды бын сты 834 пациенты. Коронавирусы амӕттӕгтӕ баисты 70 адӕймагӕй фылдӕр.

Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.