Дзӕуджыхъӕуы супермаркеты бӕстыхайы ӕрцыд срӕмыгъд

Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уӕлвӕткон цауы аххосаг ссис газы срӕмыгъд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 фев - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы супермаркеты майрӕмбоны райсом ӕрцыд срӕмыгъд, зианбаййафджыты фӕдыл нырма дырыс информаци нӕй, фехъусын кодтой РИА Новости Цӕгат Ирыстоны экстренон службӕты.

Агентады ныхасӕмбал фехъусын кодта, цауы развӕлгъау аххосаг кӕй у газы срӕмыгъд: супермаркеты ныккӕнды уыдысты туаггуыры баллонтӕ.

Супермаркеты цур хӕдзар, развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, нӕ бахъыгдард.

"Бӕстыхай, кӕцыйы ӕрцыд срӕмыгъд, цӕрӕг хӕдзӕрттӕй лӕууы 100 метры дарддӕр. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, цӕрӕг хӕдзӕрттӕ нӕ бахъыгдард сты", - банысан кодта экстренон службӕты минӕвар.
Дзӕуджыхъӕуы супермаркеты бӕстыхайы ӕрцыд срӕмыгъд