Хӕрзаудӕн фонд баххуыс кодта Цхинвалы районы иунӕг цӕрджытӕн

Уазджытӕ - хӕрзаудӕн фонд минӕвӕрттӕ бахастой ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хӕлцад ӕмӕ сыгъдӕгдзинады ӕрмӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 фев— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс"-ы минӕвӕрттӕ сарӕзтой хӕрзаудӕн акци Цхинвалы районы, сӕ хъусдарды бын бахаудтой районы иунӕг карджын цӕрджытӕ, фехъусын кодта йӕ фарсыл Фейсбукы фонды разамонӕг Гаглойты Таира.

Уазджытӕ бахастой ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хӕлцад ӕмӕ сыгъдӕгдзинады ӕрмӕг.

"Хӕрзаудӕн фонды минӕвӕрттӕ бабӕрӕг кодтой Цхинвалы районы иунӕг адӕмы. Райстой нӕ хъарм, ӕнӕниздзинад ӕмӕ фӕрныгады арфӕтимӕ", - ныффыста уый.

Йӕ хъусинагӕй ма бӕрӕг у, хӕрзаудӕн мадзӕлттӕ фӕнд кӕнынц адарддӕр кӕнын аннӕ районты дӕр.

"Кӕд искӕмӕ ис баххуысы фадӕттӕ, уӕд бамбал уӕт. Разӕй нырма ис ӕртӕ районы", - бафтыдта уый.

Хӕрзаудӕн фонд баххуыс кодта Цхинвалы районы иунӕг цӕрджытӕн