Хуссар Иры депутаттӕ та нӕ ӕрымбырд сты парламенты сессимӕ

Закондӕттӕг орган ногӕй нӕ ӕрӕмбырд сессимӕ. Рабадтыты залмӕ ӕрбацыдысты бирӕ адӕм, уыдон домынц, цӕмӕй райсой бюджет
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 фев - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Цхинвалы ногӕй нӕ ацыд Хуссар Ирыстоны парламенты сесси. Паддзахадон бюджет ӕмӕ цалдӕр законы проект райсыны фӕдыл сесси хъуамӕ ацыдаид майрӕмбоны сихорӕй, фӕлӕ 14 оппозицион депутаты та ногӕй хайад нӕ райстой рабадты.

Хуссар Иры депутаттӕ радон хатт нӕ ӕрӕмбырд сты сессимӕ

Ивгъуыд къуыри депутаттӕ уӕддӕр ӕрӕмбырд сты сессимӕ. Уӕд Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд уӕрӕсейаг депутатты делегаци.

Парламенты рабадтыты залмӕ ӕрбацыд бирӕ адӕм. Уыдонӕй кӕцыдӕртӕ фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, парламентмӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй ӕрдомой оппозицион депутаттӕй рахизын сессимӕ ӕмӕ райсын паддзахадон бюджет.

Хуссар Иры æхсæнады уавæр скарз ис, Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал криминалон милицийы бафарсты рæстæджы нады фæстиуæгæн куы фæмард 28 августы, уый фæстæ.

Фӕстӕдӕр оппозицион депутатты иу къорд арвыста фыстæг Уæрæсейы вице-премьер Марат Хуснуллинмæ, цы ран фехъусын кодтой, РХИ æмæ УФ хицауадты хсæн контакттæ легитимон кæй не сты, уымæн æмæ премьер æмæ министрты кабинетæн сæ æххæстбарты æмгъуыд кæй ацыд 29 октябры.