ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Ӕхсӕнадон ӕдасдзинады милицийы хуыздӕр кусджыты схорзӕхджын кодтой министрады хорзӕхтӕй, уый тыххӕй хъусын кӕны МХМ-йы пресс-службӕ.
Хуссар Ирыстоны Ӕхсӕнадон ӕдасдзинады милицийы майрӕмбоны нысан кӕны бындурӕвӕрды 28 азы. Уый фӕдыл кусджытӕн раарфӕ кодта мидхъуыддӕгты министры хӕдивӕг Дзабиты Ӕхсар. Уый банысан кодта, службӕйыл ис бӕрнджын хӕстӕ ӕхсӕнадон фӕтк бахъахъхъӕнын фӕдыл ӕмӕ бафиппайдта ныфс ӕй кӕй ис, дарддӕр дӕр сӕ профессионалон хӕстӕ цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзысты.
"Сӕ хӕсты нывыл ӕххӕсты тыххӕй ӕмӕ ӕхсӕнадон ӕдасдзинады милицийы бындурӕвӕрды боны фӕдыл къорд кусӕджы хорзӕхджын ӕрцыдысты уагдонон хорзӕхтӕй", - дзырдӕуы хьусинаджы.
Ӕхсӕнадон ӕдасдзинады милици иууыл стырдӕр нымӕцмӕ гӕсгӕ Мидхъуыддӕгты министрады дӕлхайӕдтӕй иу. Ивгъуыд азы бӕрӕггӕнтӕм гӕсгӕ, массон мадзӕлтты ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕдтой 400 кусӕджы.