Пæррæстаты Дмитрий: чысылæй фæстæмæ мæ бæллиц уыд актер суӕвын

Хуссар Ирыстоны адæмон артист Пæррæстаты Дмитрий радио Sputnik эфиры радзырдта йæ дæсныйады тыххæй
Sputnik
Пæррæстаты Дмитрий: чысылæй фæстæмæ мæ бæллиц уыд актер суӕвын

Пæррæстаты Дмитрий куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ чысылæй фæстæмæ уыд йæ бæллиц актер суӕвын. Актер йæхæдæг куыд дзуры, афтӕмӕй уыцы рæстæджы уыд æндыгъд уавæр æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æмтгæй Советон Цæдисы.

"Уæрæсейæ æрцыд фыстæг нæхимæ, цы ран фадат лæвæрдтой Мæскуыйы Щепкины номыл уæлдæр театралон ахуыргӕнӕндоны ахуыр кæнынæн. Æртымбыл стæм 20 адæймагӕй æмæ ацыдыстым ахуырмæ", - дзуры Дмитрий.

Артист иууыл стыр амондыл нымайы, кæй бахауд сæ курсы аивадон къухдариуæггæнæг Владимир Монаховмæ.

"Дзырдта нын, зæгъгæ, царды зындзинӕдтæм æнæкæсгæйæ, професси хъуамæ райсат, уымæн æмæ æнæ профессийæ адæймаг нымæг кæны", - банысан кодта актер.

Дмитрий куыд загъта, уымæ гæсгæ уыцы курсæй ныртæккæ театры кусынц иуæндæсæй.