Цхинвайлаг спортсментӕ рамбылдтой 13 майданы ӕмбуар хӕстӕй ЦКФЗ

Спортсментӕй дыууӕ чызг ӕмӕ дыууӕ лӕппу - Тъехты Руслан, Тегкаты Азӕмӕт, Къӕбулты Лика ӕмӕ Габайты Дзерассӕйӕн нӕ разынд ӕмсӕр ныхмӕлӕуджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 фев— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг ӕрыгон спортсментӕ рамбылдтой 13 майданы Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты "Сила и честь" ӕмбуар хӕсты дисциплинӕ "ММА-свободный поединок"-ы. Спортсменты ӕнтысты тыххӕй Sputnik радзырдта сӕ тренер Уалыты Вахтанг.

Хуссар Ирыстонӕй турниры архайдтой 15 спортсменты, уыдонӕй дыууӕйӕ дарддӕр иууылдӕр бацахстой призон бынӕттӕ.

"Ӕдӕппӕтӕй нӕ командӕ рамбылдта 13 майданы, уыдонӕй цыппар сызгъӕринтӕ, авд - ӕвзист ӕмӕ дыууӕйӕ та ссисты бронзӕйон призертӕ. Нӕ минӕвӕрттӕй кӕцыдӕртӕ иумӕ дӕр ӕрхаудтой, науӕд ноджы хуызджындӕр ӕнтыстытӕ равдыстаиккой", - загъта тренер.

Уӕлахиздзаутӕ ссисты Тъехты Руслан, Тегкаты Азӕмӕт, Къӕбулты Лика ӕмӕ Габайты Дзерассӕ.

"Фӕсивӕд тынг хорз равдыстой сӕхи, сӕрыстыр сӕ дӕн", - бафтыдта тренер.

Уалыты Вахтанг ма банысан кодта, карантины аххосӕй спортсментӕ кӕй нӕ цӕттӕ кодтой ӕмбӕлон ӕгъдауӕй, ӕрмӕст сын 20 боны цыд тренировкӕтӕ.