Хуссар Иры парламент райста бюджет æнæ кворумæй

Бæстæйы сæйраг финансон документ райсыны тыххæй схъæлæс кодтой 18 депутаты дыууæ партийæ - сессимæ цыдæриддæр депутаттæ æрбацыдысты, уыдон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 фев - Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ хъæлæсты фылдæр бæрцæй - 24-æй 18 - сфидар кодтой закон 2021 азæн паддзахадон бюджеты фæдыл. Рабадт цыд 18 депутаты хайадистæй. ома æнæ кворумæй, кæцыйæн æнæмæнгхъæуæг у 23 депутаты уæвынад.

Хуссар Иры парламент райста бюджет æнæ кворумæй

Уымæй размæ фыццаг вице-спикер Гасситы Петр фехъусын кодта, зæгъгæ, парламенты регламент, цы ран фыст ис, ома кворумӕн кӕй хъӕуы иумӕйаг нымӕцӕн (34) йӕ дыууӕ ӕртыккӕгӕм хай, уымӕн нӕй барадон тых, уымӕн ӕмӕ йæ рæстæджы ӕмбӕлон уагыл фидар не 'рцыд -ома барадон акттӕ, кӕцытӕ мыхуыр не 'рцыдысты газеттӕ "Хурзӕрин" ӕмӕ "Южная Осетия"-йы, уыдонӕн кæй нӕй тых.

Уымæ гæсгæ Гасситы Петр банхъардта спайда кæнын уæрæсейаг закæттæй, "Паддзахадон думӕйӕн та фаг у фылдӕр депутатты хайадист".

Уый адыл депутаттæ схъæлæс кодтой цыппар пункы тыххæй, кæцытæ хаст уыдысты рабадты боны фæткмæ. Цыппар пункт дæр фидар æрцыдысты æмхъæлæсæй.