Хуссар Иры парламенты сесси цӕуы ӕнӕ кворумӕй, фӕлӕ депутаттӕ хъавынц райсын бюджет

Дыууӕ парламентон партийы минӕвӕрттӕй дарддӕр ма залмӕ ӕрбацыд дыууӕ сӕдӕ адӕймаджы бӕрц, кӕцытӕ домынц ауадзын сесси ӕмӕ райсын бюджет ӕнӕ кворумӕй дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik. Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны парламенты сессимӕ ӕрбацыд 18 депутаты, кворумӕн хъӕуы 23, фӕлӕ депутаттӕ фӕнд кӕнынц райсын ацы азæн паддзахадон бюджет.

Хуссар Иры парламент ногӕй нӕ ӕрӕмбырд сессимӕ

Дыууӕ парламентон партийы минӕвӕрттӕй дарддӕр ма залмӕ ӕрбацыд дыууӕ сӕдӕ адӕймаджы бӕрц, кӕцытӕ домынц ауадзын сесси ӕмӕ райсын бюджет ӕнӕ кворумӕй дӕр.

Вице-спикер Гасситы Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ, парламенты регламент, цы ран фыст ис, ома кворумӕн кӕй хъӕуы иумӕйаг нымӕцӕн (34) йӕ дыууӕ ӕртыккӕгӕм хай, уымӕн нӕй барадон тых, уымӕн ӕмӕ йæ рæстæджы ӕмбӕлон уагыл фидар не 'рцыд.

"Конституцийы фыст ис, алкӕцы закон дӕр йӕ тыхы кæй бацӕуы мыхуыры фӕстӕ. Парламенты регламент никуы æрцыд мыхуыр, никуы бацыд йӕ тыхы. Закон нӕм куыннӕ вӕййы, уӕд архайӕм Уӕрӕсейы закӕттӕй. Паддзахадон думӕйӕн та фаг у фылдӕр депутатты хайадист", - загъта Гасситы Петр.

Уымӕн йӕ фарсмӕ балӕууыд президенты минӕвар парламенты Куымӕридтаты Анна, уый банысан кодта, "барадон акттӕ, кӕцытӕ мыхуыр не 'рцыдысты газеттӕ "Хурзӕрин" ӕмӕ "Южная Осетия"-йы, уыдонӕн кæй нӕй тых".